Минздрав Южной Осетии

e1rlogo
+7(8502)45-18-09
mzruo@yandex.ru

2025 азы сæххæст уæд нæ сæйраг бæллиц — фæуæд сæрмагонд æфсæддон операци — Джыгкайты Томас

2025 азы сæххæст уæд нæ сæйраг бæллиц — фæуæд сæрмагонд æфсæддон операци — Джыгкайты Томас

Мæ зынаргъ хæлæрттæ!

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын ног 2025 азы æмæ Цыппурсы бæрæгбоны кадæн!

Цы аз æрбалæууы, уый уын амондджын, бæркадджын аз куыд басгуыха, ног æнтыстытæ æмæ уын ног фадæттæ куыд балæвар кæна, хорз хъуыддæгтæ æмæ цины хабæрттæй дзаг куыд уа, ахæм амонд уæ уæд!

Мах æдæрсгæйæ кæсæм сомы бонмæ æмæ æнæрынцойæ кусдзыстæм æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы рæзтыл. Бирæ цæлхдуртæ дзы ис, фæлæ мæ уырны, æмдыхæй сæ сæрты ахизын кæй бафæраздзыстæм.

2025 азы сæххæст уæд нæ сæйраг бæллиц — фæуæд сæрмагонд æфсæддон операци æмæ нæ хæстонтæ уæлахизимæ сæмбæлæнт сæ хæдзæрттыл. Министрад архайы ууыл, цæмæй куы ‘рыздæхой, уæд сын раст реабилитаци рацæуын кæной æмæ сын хъæугæ æххуыс бакæной.

Æппæт медицинон кусджытæн æмæ нæ бæстæйы æппæт цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы фæрныгад, бинонты амонд æмæ фидар æнæниздзинад. Уæ хæдзæртты сабиты худын хъуысæд! Ног азы уемæ æмдзу кæнæнт цин æмæ хъæлдзæгдзинад, уæ бинонтæ та фæрнæйдзаг уæнт!

@mzrso_alania